Хуссар Иры фермер ныфс дӕтты бынӕттон харбызы 20 тоннӕйы базармӕ раттынӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗнауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цӕрӕг Бекъойты Гела гагадыргъы куыст райдыдта фондз азы размӕ, йӕ амалиуӕгадӕн уый равзӕрста бынӕттон уавӕрты хуыздӕр цы зайы, ахӕм тауинаг - Топган ӕмӕ Атаман

ЦХИНВАЛЫ, 23 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы базармӕ ацы сезон Знауыры районы ӕркӕнгӕ харбыз хъавынц раттын 20 тоннӕйы бӕрц. Фермер Бекъойты Гела йӕ зӕххытыл ныссагъта 5 мины быны бӕрц гагадыргъ.

Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цӕрӕг Бекъойты Гела гагадыргъы куыст райдыдта фондз азы размӕ, йӕ амалиуӕгадӕн уый равзӕрста бынӕттон уавӕрты хуыздӕр цы зайы, ахӕм тауинаг - Топган ӕмӕ Атаман.

Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2020
Бынӕттон харбыз фӕзындзӕн Цхинвалы базары

"Фарон мын мӕ тыллӕг их ныццагъта. Фӕлӕ ацы аз хорз у мӕ цӕхӕрадон, фондз мин быны мын ис сагъд. Ӕнӕмӕнгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын 20 тоннӕйы бӕрц харбызмӕ. Тыллӕг базармӕ хӕццӕ кӕндзӕн августы", - загъта амалиуӕггӕнӕг.

Цалдæр азы размæ Бекъойты Гела йæхи райста Сыбырæй æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм. Йæ хæлары амындмæ гæсгæ уый сфæнд кодта ныссадзын харбыз, фæлварæн разынд æнтыстджын. Гела бауырнын кодта скептиктæн, Хуссар Иры климаты дæр кæй ис æрзайын кæнӕнн хæрзад, адджын æмæ пайдаджын харбызтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0