Дыгъуызты Зӕринӕ: туристтӕ хъуамӕ сӕхи бафӕдзӕхсой коронавирусӕй фӕсарӕнтӕм балцыты

© Совет Федерации РФ /  Ахизын медиабанкмæДыгъуызты Зӕринӕ
Дыгъуызты Зӕринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2021
Рафыссын
Сӕхи куы нӕ бафӕдзӕхсой, уӕд гӕнӕн ис баззайой ӕнӕ медицинон ӕххуысӕй, кӕнӕ та йӕ аргъ уыдзӕн балцӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Ростуризм рекомендаци кӕны кӕны туристтӕн ӕнӕмӕнг бафӕдзӕхсын се ‘нӕниздзинад фӕсарӕнтӕм балцыты рӕстӕджы, фехъусын кодта уагдоны разамонӕг Дыгъуызты Зӕринӕ.

"Сӕрды не ‘мбӕстӕгтӕй бирӕ ацӕуынц денджызмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм, цы ран арӕнӕвӕрдты рӕстӕджы ис коронавируӕсй хос кӕнынӕн сӕхи фӕтктӕ. Ӕнӕ фӕдзӕхстӕй гӕнӕн ис баззайой ӕнӕ медицинон ӕххуысӕй дӕр, кӕнӕ та йӕ аргъ уыдзӕн балцӕй фылдӕр", - хъусын кӕны Дыгъуызты Зӕринӕйы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Уагдоны сӕргълӕууӕг ӕрсидт туроператортӕм, цӕмӕй хъусын кӕной ӕмбӕстӕгтӕн фӕдзӕхсты тыххӕй, афтӕ ма рискты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ райсдзӕн йӕхимӕ турист, куы нӕ сразы уа, уӕд.

Уӕрӕсе сног ног авиабастдзинад фараст бӕстӕимӕ. Номхыгъдмӕ бахызтысты АИШ, Итали ӕмӕ Турк.

Ног хабӕртты лентӕ
0