Хуссар Иры июны кӕрдӕг ӕмӕ хъӕдтӕ ссыгъдысты 50-йӕ фылдӕр хатты

© SputnikЗынгсирвӕзт
Зынгсирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2021
Рафыссын
Зынгсирвӕзтты фылдӕр хаййы аххосаг свӕййы адӕймаджы уӕлӕнгай ӕмӕ ӕнӕбӕрнон ахаст, банысан кодтой республикӕйы УУМ

ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Цхуырбаты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ июны ахуыссын кодтой хус кӕрдӕджы 50-йӕ фылдӕр ссыгъды, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы УУМ минӕвар Инал Захаров.

"Адӕмӕн ис уӕлӕнгай ахаст, кӕрдӕг ссудзынц ӕмӕ йӕ ныууадзынц афтӕ. Фӕлӕ уавӕр ис хъусдарды бын", - банысан кодта уый.

Захаровы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынвадат бынӕтты зынгсирвӕзттӕм уагдоныт кусджытӕ фӕцӕуынц къахӕй, зынг хуыссын кӕныны рӕстӕджы та спайда кӕнынц сӕрмагонд техникӕйӕ.

Зынгфæдисонтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Хуссар Иры улæфт бонты зынгфæдисонтæ фондз хатты ацыдысты хус кæрдæджы ссыгъдтæм

"Сидын цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст ӕвдисой ӕрдзмӕ ӕмӕ ма судзой хус кӕрдӕг", - загъта УУМ минӕвар.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, зынгсирвӕзтты аххосджытӕ-иу бӕрӕг куы ӕрцӕуой, уӕд фыдракӕнды фӕдыл ӕрмӕджытӕ ӕрвитдзысты тӕрхондонмӕ, цы ран фыдгӕнджыты кӕндзысты бӕрндзинадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0