Хуссар Иры президент сфидар кодта паддзахадон куысты бынӕтты номхыгъд

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2021
Рафыссын
Бибылты Анатолий бафыста документтӕ, кӕцытӕ фидар кӕнынц паддзахадон граждайнаг службӕйы куысты бынӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий бафыста барамындтӕ "РХИ паддзахадон куысты бынӕтты тыххӕй" ӕмӕ "Паддзахадон граждайнаг службӕйы куысты бынӕтты реестры тыххӕй". Ӕмбӕлон документтӕ ныммыхуыр кодтой президенты официалон сайтыл.

Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын документаци мыздты фӕфылдӕрӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2021
Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын документаци мыздты фӕфылдӕрӕн

Барамындтӕм гӕсгӕ, фидаргонд ӕрцыд паддзахадон куысты бынӕтты номхыгъд, кӕцытӕ фыст сты Конституци ӕмӕ республикӕйы законты. Паддзахадон граждайнаг службӕйы реестры сты куысты бынӕттӕ, кӕцытӕ фидаргонд ӕрцӕуынц паддзахады сӕргълӕууӕджы законтӕ ӕмӕ барамындтӕй.

"Граждайнаг гоймӕгтӕ, кӕцытӕ кусынц ӕххӕстгӕнӕг хицауады органты аппаратты, кӕцытӕн къухдариуӕгад дӕтты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент, сты паддзахадон граждайнаг службӕйы кусджытӕ", - дзырдӕуы документы тексты.

Паддзахадон службӕгӕнджыты реестры фӕдыл барамынд бахизы йӕ тыхы паддзахадон граждайнаг службӕгӕнджытӕн мыздтӕ фидыны фӕдыл барамынд куы бахиза йӕ тыхы, уӕд. Падзахадон куысты бынӕтты фӕдыл барамынд йӕ тыхы бахызт йӕ бафыссыны бон, 28 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0