"Ӕз дӕн тыхджын": Джиоты Любайӕн рацӕудзӕн ног зарӕг

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Люба
Джиоты Люба - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2021
Рафыссын
Уый суыдзӕн нымадмӕ гӕсгӕ ӕртыккаг зарӕг Хъодалаты Марияимӕ сӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-йӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайы ног зарӕг "Ӕз дӕн тыхджын" рацӕудзӕн дыууӕ къуырийы фӕстӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.

Ног трекы рацыд нысангонд у 16 июльмӕ.

"Зарӕг ӕххӕст кӕнын иунӕгӕй, ныффыста мын ӕй Хъодалаты Мария, аранжировкӕ та Дзиоты Мӕдинӕ. Йӕ мидис ис уый мидӕг ӕмӕ рыст зӕрдӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ хъуамӕ тырнай рухс фидӕнмӕ", - загъта Джиоты Люба.

Уый суыдзӕн Любайы ӕртыккаг зарӕг альбомӕй. Сӕ рауагъд ныффӕстиад ис пандемийы аххосӕй.

"Ӕдӕппӕт дзы уыдзӕн аст зарӕджы. Бузныг стӕм президентӕй, ӕнӕ уымӕй ацы зарджытӕ нӕ райгуырдаиккой. Уый бакодта стыр ӕххуыс нырыккон ирон эстрадайы райрӕзтӕн, ахӕм зарджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕхсӕнад", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0