Цæгат Ирыстоны сарæзтой уæлæмхасæн ирон æмбисæндтæ æмæ загъдаутимæ

CC BY-SA 2.0 / JESHOOTS / Уæлæмхасæн "Глаголица"
Уæлæмхасæн Глаголица - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2021
Рафыссын
Проекты автор куыд банысан кодта, афтæмæй уæлæмхасæны сæйраг нысан у фæсивæды сæ историмæ сцымыдис кæнын

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой уæлæмхасæн "Глаголица", кæцымæ хаст æрцыд 100 æмбисонды æмæ загъдауы бæрц 30 æвзагмæ, уыимæ ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.

Проекты автор Куыдаты Азæмæт куыд радзырдта, афтæмæй æрмæг сдзурын кодтой профессионалон диктортæ æмæ актертæ.

"Æмбисæндты текст лæвæрд цæуы дыууæ æвзагыл: уырыссаг æмæ райдианы æвзагыл, уæлæмхасæны иллюстрацитæ æххæстгонд æрцыдысты иу кæнæ иннæ адæмы национ колорит хынцгæйæ. Профессионалон диктортæ сдзурын кодтой 100 æмбисонды æмæ загъдауы бæрц", – загъта уый.

Куыдаты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, уæлæмхасæны сæйраг нысан у фæсивæды сæ историмæ сцымыдис кæнын.

Дзиццойты Юрий  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.06.2021
Дзиццойты Юрий: ирон æвзагæн йæ уидаг у тынг фидар

"Ацы фæнд мæм раджы фæзынд. Ныртæккæ фæсивæд сæ адæмы культурон уидæгтæй адард сты. Уымæй уæлдай мæм уыд идейæ, цæмæй æппæт адæмтæ кæрæдзиимæ æмархайд кæной", – бахахх кодта уый.

Уæлæмхасæны ис ирон, уырыссаг, абазинаг, солиаг, адыгейаг, балхъайраг, башкираг, бурятаг, даргинаг, мæхъæлон, кæсгон, хъазахъхъаг, хъалмыхъхъаг, хъæрæсейаг, карелаг, хъырымы тæтæйрæгты, хъуымыхъхъаг, лекъаг, марийаг, мокшайаг, ногъайаг, тæтæйраг, тавинаг, удмуртиаг, хакасиаг, черкесаг, цæцæйнаг, чувашаг æмæ якутаг æмбисæндтæ æмæ загъдаутæ.

"Мах равзæрстам æппæты цымыдисагдæр æмæ арфмидисджындæр æмбисæндтæ", – бамбарын кодта проекты автор.

​Уæлæмхасæн "Глаголица" лæвары хуызы сæвæрæн ис цавæрфæнды IOS æмæ Android мобилон фæрæзыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0