Гасситы Мурӕтӕн раивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы: уый тох кӕндзӕн ӕндӕр нӕмыцагимӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Эркан Теперы бӕсты, кӕцыйӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ ӕрцӕуынимӕ коронавирусон арӕнӕвӕрдты аххосӕй, ирон боксеры ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн Германийы ӕндӕр минӕвар – Михаэль Валлиш

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Фыццаг уӕззау уӕзы раздӕры чемпион WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕтӕн фӕивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы - Эркан Теперы бӕсты уый 22 июлы фембӕлдзӕн Германийы ӕндӕр минӕвар Михаэль Валлишимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

"Пандемийы фӕдыл арӕнӕвӕрдты аххосӕй Теперӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ документтӕ саразынимӕ", - загътой тохы организатортӕ.

Гааситы Мурӕт ӕмӕ Михаэль Валлишы тох хъуамӕ ацыдаид 22 июлы мӕскуыйаг аренӕ "Динамо"-йы турниры фӕлгӕтты, кӕцы нывонд у Боксы ӕхсӕнадӕмон бонӕн. Фыццаг уӕззау уӕзы раздӕры чемпион WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕт 27 тохы рамбылдта, иуы та фӕхӕрд. Йӕ фӕстаг тохы 27-аздзыд боксер фыццаг раунды нокауты арвыста албайнаг Нури Сеферийы. Уыцы тохы размӕ Гасситы Мурӕтӕн дыууӕ хатт раивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы.

Михаэль Валлиш 22 тохы рамбылдта ӕмӕ цыппар та фембылд.

Ног хабӕртты лентӕ
0