Маскӕтӕ, дезинфекци, дистанционкӕ: цы аскъуыддзаг кодта COVID-19-ы ныхмӕ оперштаб

© Sputnik / Диана КозаеваCOVID-19-ы ныхмӕ оперштабы рабадт
COVID-19-ы ныхмӕ оперштабы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы фӕстаг бонты фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад. Сӕйраг санитарон дохтыр знон фехъусын кодта COVID-19-ы дыккаг уылӕны тыххӕй Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уый фӕдыл COVID-19-ы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штаб райста цалдӕр скъуыддзаг ӕмӕ рекомендацийы, цӕмӕй инфекци дарддӕр ма парахат кӕна.

Оперативон штабы рабадт ацыд ӕртыццӕджы президент Бибылты Анатолий къухдариуӕгады бын.

"Мах иууылдӕр уынӕм, вирус ногӕй кӕй тыхджын кӕны. Ӕмӕ мах хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй бавӕрӕм не ‘мбӕстӕгтӕ цӕрдтӕ ӕмӕ ма ‘руадзӕм инфекцийы апарахат", - загъта президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй саразой вакцинӕ ӕмӕ бахъахъхъӕной сӕхи ӕмӕ сӕ хиуӕтты.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 34 ног рынчыны коронавирусӕй

Бибылты Анатолий банысан кодта, фӕстаг бонты коронавирусы тыххӕй сӕ цӕрдтӕй ахицӕн сты республикӕйы цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим.

Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Уымӕй дарддӕр оперативон штаб тобӕ сӕвӕрдта боны уӕвынады режимимӕ сывӕллӕтты лагеры организацийыл. Рекомендациты ис арӕнӕвӕрдтӕ массон мадзӕлттӕм цӕуыныл дӕр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын медицинон уагдӕттӕ пациентты райсынмӕ.

Президент ма бахӕс кодта санитарон уагдон ӕмӕ информацийы фӕдыл комитетӕн активонӕй дӕр уадзын ӕмбарынгӕнӕн ӕмӕ информацион куыст цӕрджыты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0