Хуссар Иры дыууӕ пенсиисӕгмӕ ссардтой гӕн – МХМ

© МВД РЮОХуссар Иры дыууӕ пенсиисӕгмӕ ссардтой гӕн
Хуссар Иры дыууӕ пенсиисӕгмӕ ссардтой гӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2021
Рафыссын
Экспертизӕ равдыста, пенсиисджытӕй иумӕ цы гӕны къутӕртӕ ссардтой, уыдоны ис наркотикон буарад тетрагидроканнабинол

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ссардтой гӕн Цхинвалы 63-аздзыд цӕрӕг нӕлгоймаг ӕмӕ Ленингоры поселочы 72-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы цӕхӕрадӕтты. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Гӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой гӕны цыппар къутӕры

Нӕлгоймаг зайын кодта гӕн пластикон агуывзӕты. Экспертизӕ равыста, гӕны 13 къутӕры кӕй ис наркотикон буарад тетрагидроканнабинол. Уый фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.

"Зӕрдӕхсайгӕйы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Ӕнӕзаконон рӕзын кӕнын зайӕгойты, кӕцыты ис наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕ" статьямӕ гӕсгӕ", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Ленингоры цӕрӕг сылгоймагмӕ цы гӕны къутӕртӕ ссардтой, уыдон арвыстой экспертизӕмӕ. Цауы фӕдыл уагъд цӕуы басгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0