Цӕгат Иры хъӕуты райрӕзтӕн рахицӕн кӕндзысты 64 милуанӕй фылдӕр

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæДæргъæвс
Дæргъæвс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Рафыссын
Фæрæзтæ пайдагонд æрцæудзысты сывæллæтты æмæ спортивон фæзуæттæ, фæлладуадзæн бынæттæ аразыны æмæ хæрзвадат кæныны хъуыддаджы

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Уæрæсейы хицауад Цæгат Ирыстоны хъæубæстæты райрӕзтӕн рахицæн кæндзæн 64,7 ммлуан сомы. Ӕмбæлон барамынд бафыста хицауады сӕрдар Михаил Мишустин, хъусын кӕны 15-регион.

"Фæрæзтæ пайдагонд æрцæудзысты сывæллæтты æмæ спортивон фæзуæттæ, фæлладуадзæн бынæттæ аразыны æмæ хæрзвадат кæныны хъуыддаджы, рухскæнынад нывыл кæныны, къахдзауты инфраструктурæйы, кæрты-фæндагон иугонды цалцæгадон-ноггæнæн куыстытæ æххæст кæнынæн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Æдæппæтæй проект "Хъæубæстæты территориты хæрзвадат"-ы рагзагъд мадзæлттæ сæххæст кæнынæн 44 регионы райсдзысты миллиард сомы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0