Хуссар Иры хӕхты уӕрӕсейаг мотоӕхсджытӕ скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" ӕмбӕхст лагерь

© Пресс-служба ЮВО РФХуссар Иры хӕхты уӕрӕсейаг мотоӕхсджытӕ скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" ӕмбӕхст лагерь
Хуссар Иры хӕхты уӕрӕсейаг мотоӕхсджытӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы ӕмбӕхст лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2021
Рафыссын
Ахуыртӕ цыдысты полигон "Дзарцъем"-ы, хайад дзы райстой уӕрӕсейаг базӕйы 400 ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 60 иуӕджы

ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн дӕлхайӕдтӕ скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы" лагерь танктӕ ӕмӕ артиллерийы ӕххуысӕй, хъусын кӕны дыццӕджы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьев.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн

Пресс-службӕйы радзырдтой, ӕфсӕддон базӕйы разӕсгарӕн дӕлхайӕдтӕ кӕй рацахстой дзырдӕй террористы баныхас ӕмӕ сбӕрӕг кодтой хӕхты ӕмбӕхст лагерь. Уый фӕстӕ мотоӕхсӕн ротӕ рацыд "Дзарцъем"-ы полигонмӕ, ӕрӕхгӕдта ныхмӕлӕууӕджы ахизӕнтӕ ӕмӕ йӕ скуынӕг кодта алыгъуызон хӕцӕнгӕрзтӕй пайдагӕнгӕйӕ.

"Артиллерион хӕдтулгӕтӕ 2С3 "Акация" 10 минуты дӕргъы ӕхстой "террористты" лагерь 152-мм сармадзантӕй, уый фӕстӕ мотоӕхсджытӕ танкты ӕххуысӕй ацыдысты лагерьмӕ", - банысан кодта Астафьев.

Ахуырты ӕдӕппӕт хайад райстой уӕрӕсейаг базӕйы 400 ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 60 иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0