Хуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ
Хуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Инфекци сбӕрӕг кодтой Къохат, Сарабукъ ӕмӕ Уанаты. Уыцы хъӕутӕй фыдызгъӕл ӕмӕ ӕхсыры продукцийы ӕрбаластыл сӕвӕрдтой тобӕ

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад уадзы дезинфекци Цхинвалы районы хъӕуты, цы ран сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй низ фӕзынд Къохат, Сарабукъ ӕмӕ Уанаты.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй инфекци ма апарахат уа, уый тыххӕй дезинфекци кӕнынц бӕстыхӕйттӕ, цы ран уыдысты рынчын хуытӕ.

"Ивгъуыд къуыри ветеринарон специалисттӕ систой уыцы хъӕуты цы хуытӕ ис, уыдоны туг ӕмӕ йӕ арвыстой басгӕрстмӕ. Лабораторон иртӕстытӕ равдыстой, уый кӕй у хуыты африкӕйаг емынӕ", - загъта Мӕргъиты Алан.

Уагдон рекомендаци кӕны фермертӕн, кӕцытӕ дарынц хуыты, уадзын ӕнӕмӕнг дезинфекци бӕстыхӕйтты.

Афтӕ ма африкӕйаг емынӕйы аххосӕй фӕкарздӕр кодтой "Югосельхознадзор"-ы домӕнтӕ фыдызгъӕл ӕмӕ ӕхсыры продукцимӕ.

"Инфекци цы хъӕуты сбӕрӕг кодтой, уырдыгӕй нӕй гӕнӕн ласын удӕгас хуыты, афтӕ ма фыдызгъӕл ӕмӕ ӕхсыры продукци", - загъта Мӕргъиты Алан.

Республикӕйы фӕстаг хатт хуыты африкӕйаг емынӕ уыд 2018 азы Знауыры районы.

Ног хабӕртты лентӕ
0