Цыппар тыхджындӕры: чи стох кӕндзӕн Цхинвалӕй дунейы ерысты армспортӕй

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваХуссарирыстойнаг армрестлертӕ
Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Спортсменты тренер Джиоты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дунейы ерысты майдантӕм претенденттӕ сты Гасситы Сослан, Плиты Батрадз, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Дыгъуызты Милена

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрмхӕсты скъолайы раззагондӕр минӕвӕрттӕ цыппарӕй стох кӕндзысты дунейы ерысты Уӕрӕсейы командӕйы сконды.

Спортсменты тренер Джиоты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дунейы ерысты майдантӕм претенденттӕ сты Гасситы Сослан, Плиты Батрадз, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Дыгъуызты Милена. 

"Ацы фӕсивӕд развӕлгъау расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагад ӕмӕ чемпионаты, сты республикӕйы армрестлингы фидынц", - загъта тренер.

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны архайгӕ ӕрмхӕцджытӕй иууыл ӕнтыстджындӕр. Ӕхсӕз азы дӕргъы уыд фӕсивӕды хсӕн Цӕгат Ирыстон, Уӕрӕсе, Европӕ ӕмӕ дунейы ерысты ӕдзух лидер 90 уӕзы категорийы. Фӕстаг дыууӕ азы рахызт хистӕр кармӕ, фӕфылдӕр кодта йӕ уӕзы категори дӕр. Ам дӕр йӕхи равдыста фӕзминаг спортсменӕй, фӕлӕ йын ацы категорийы нырма ӕнӕсаст ерыстӕ  ис.

Цхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ систы Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2021
Ӕртӕ ӕвзисты: цхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ cсисты Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ

Хуссар Ирыстоны армрестлингӕн 2016 азӕй фӕстӕмӕ ис сылгоймаджы цӕсгом. Уӕд республикӕйӕн фыццаг хорзӕхтӕ ӕрхаста ӕрыгон спортсменкӕ Дыгъуызты Милена. Ӕрдзӕй лӕваргонд чызг иу аз тренировкӕты фӕстӕ райдыдта ӕмбулын бӕрзонд ӕмвӕзады турниртӕ. Фондз азы фӕстӕ дӕр чызг йӕ бӕрзонд ӕмвӕзад нӕ уадзы бынмӕ.

Плиты Батрадз у Хуссар Ирыстоны хуыздӕр ӕрмхӕцджытӕй иу. Спортыл фӕцайдагъ ис скъолайы рӕстӕджы. Йӕ хӕзнадоны ис Уӕрӕсейы, дуне ӕмӕ Европӕйы фыццагады майдантӕ. Ныридӕгӕн ахуыр кӕны Санкт-Петербурджы Михайловскы ӕсфӕддон артиллерион академийы, фӕлӕ спортыл йӕ зӕрдӕ не 'сивта. Архайы ӕхсӕнадӕмон ерысты ӕмӕ горӕты фыццагады.

Хӕбӕлаты Арсен йӕ хистӕр ӕфсымӕр Эдуарды фӕдыл бацыд спорты ацы хуызмӕ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ баййӕфта йе 'фсымӕры ӕнтыстытӕ. Йӕ тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕсты хауы йӕ куыстуарзондзинадӕй тренировкӕты ӕмӕ тагъд ӕнтыстытӕй.  У армрестлингы ӕрыгӕтты хсӕн иууыл бӕрзонддӕр призты хицау.

Ног хабӕртты лентӕ
0