Хуссар Иры рог атлетикӕйы федераци цӕттӕ кӕндзӕн паралимпиаг спортсментӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСтадион
Стадион - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Рафыссын
Федерацийы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕгӕнӕн куыст райдайдзӕн ног ахуырадон аз

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны рог атлетикӕйы федерацийы тренертӕ ӕрӕвналдзысты паралимпиаг спортсменты цӕттӕ кӕнынмӕ, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Цъӕхилты Игорь.

"9 июлӕй стӕм отпускы. Цӕттӕгӕнӕн куысты старт нысангонд у ног ахуыры азмӕ. Нӕ паралимпиецтӕй кӕцыдӕртӕ цӕттӕ кӕнынц Дзӕуджыхъӕуы, фӕлӕ астӕуккаг дистанцийы спортсментӕ кусынц ам. Уыдонимӕ райдайдзыстӕм кусын", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортсменты цӕттӕ кӕндзысты цалдӕр тренеры.

Хуссарирыстойнаг богалтӕ ссисты УФ фӕсивӕды спартакиадӕйы уӕлахиздзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг сси УФ фӕсивӕды Спартакиадӕйы уӕлахиздзау

"Лидзынӕй семӕ кусдзӕн Гӕззаты Аслан, ӕз та ӕхсынӕй", - бафтыдта уый.

Ног ахуыры азӕй ма рог атлетикӕйы секцимӕ райдайдзысты исын сывӕллӕтты. Цъӕхилты Игорь ӕнхъары кӕнын ацы спортмӕ сабиты 10 азӕй.

"Ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕхсӕз азӕй бацыдтӕн, мах дӕр исӕм уыцы карӕй. Фӕлӕ ӕз куыд тренер, афтӕ рекомендаци кӕнын 10 азӕй", - бафиппайдта уый.

Рог атлетикӕйы скъола кусы республикон стадионы Цхинвалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0