Хуссар Иры аразынц ипподром къуындӕг авналӕнтимӕ сабитӕн

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Иры аразынц ипподром къуындӕг авналӕнтимӕ сабитӕн
Хуссар Иры аразынц ипподром къуындӕг авналӕнтимӕ сабитӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Рафыссын
Ногдзинадтӕ арӕзт цӕуынц Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы финансон ӕххуысӕй ӕмӕ сывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьянайы хъӕппӕрисӕй

ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Джеры комы президенты цур сывӕллӕтты ӕххӕстбарджын Цхуырбаты Татьянайы хъӕппӕрисӕй арӕзт цӕуы ипподром къуындӕг авналӕнтимӕ сабитӕн.

Хуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2019
Хуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж

Объект арӕзт цӕуы Къӕбулты Хъазбеджы номыл бӕхты бадыны центр "Сидуг"-ы бындурыл. Центр арӕзт ӕрцыд 2019 азы Джеры комы ӕдзӕрӕг хъӕу Алхашенты хъӕуы.

Ныридӕгӕн цӕуы арӕзтад, йӕ баконд нывӕндынц августы. 

"Рагӕй мӕм уыд иппотеропи ӕмӕ ленк кӕныны центртӕ бакӕныны хъуыды къуындӕг авналӕнтимӕ сабитӕн. Ипподромы фӕдыл бацӕттӕ кодтон проект. Мӕ хъӕппӕрис райста паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийы ӕххуыс, уый фӕрцы цӕуы арӕзтад. Фыццаг рады уый уыдзӕн сабитӕн, стӕй та хистӕр кары низӕфхӕрд адӕмӕн", - радзырдта Sputnik сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Цхуырбаты Татьяна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый сфидар кодта бадзырд фирма "Сидуг"-ы бардарӕг Къӕбулты Ренатимӕ, кӕцы ӕнӕаргъӕй йӕхимӕ райсдзӕн сахъат сӕвӕллӕтты ахуыр кӕнын, уый ныхмӕ йын йӕ центры сараздзысты ипподром.

Фӕстӕдӕр уым фӕзындзӕн бӕхтыл бадыны скъола дӕр .

Ног хабӕртты лентӕ
0