Сидахъты Зауырбег ахызт Олимпиаг хъæзтыты финалмæ

© REUTERS / PIROSCHKA VAN DE WOUWСидахъты Зауырбег
Сидахъты Зауырбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Рафыссын
Æрдæгфиналы 74 килограммы уæзы 25-аздзыд ирон атлеты ныхмæлæууæг уыд Казахстаны минæвар Динияр Кайсанов. Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik, Хъуылымбегы Азæмæт. Уæрæсейаг хъӕбысӕйхӕцӕг, дунейы дыууæ хатты чемпион Сидахъты Зауырбег рамбылдта йæ тох Олимпиаг хъæзтыты æрдæгфиналы æмæ стох кæндзæн турниры сызгъæрин майданыл.

Æрдæгфиналы 74 килограммы уæзы 25-аздзыд ирон атлеты ныхмæлæууæг уыд Казахстаны минæвар Динияр Кайсанов. Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй.

© REUTERS / PIROSCHKA VAN DE WOUW Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй æрдæгфиналы
Сидахъты Зауырбег ахызт Олимпиаг хъæзтыты финалмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй æрдæгфиналы

Уымæй размæ, Сидахъты Зауырбег турниры финалы 1/8 хайы 2 минут 22 уысммæ рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы 12:2 хыгъдæй, финалы цыппæрæм хай та ныддæрæн кодта Узбекистаны хъæбысæйхæцæг Бекзод Абдурахмоновы 13:6 хыгъдæй.

Аннæ ирон богал Сергей Козырев, кæцы архайдта 125 килограммы уæзы категорийы нæ ахызт стартон этапæй, уый фембылд ис китайаг богал Дэн Чживэйæн. Уый нал бахауд бронзæйон майданыл претендентты нымæцмæ дæр, уымæн æмæ йæ ныхмæлæууæг дæр фæхæрд ис радон тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0