Августы хæсты æмкар Табуты Камилла радзырдта, цы зоны уыцы трагедийы тыххæй

© SputnikТабуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг
Табуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Рафыссын
08.08.08 датӕйы Цхинвалы райдыдта тугкалӕн хӕст, адӕм сӕфтысты ӕнӕмсӕр тохы. Фӕлӕ куыд царды ӕвдисӕндартӕ, афтӕ Ирыстоны хуссары уыцы бон райгуырд цалдӕр сабийы, сӕ нымӕцы Табуты Камилла дӕр

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ног историйы ӕстӕм август 2008 азӕй фӕстӕмӕ бацыд фыдохы бонты нымӕцмӕ, Табуты бинонтӕн та ацы бон у рухс бӕрӕгбон - 08.08.08 райгуырд сӕ уарзон хъӕбул Камилла.

Чызджы ныййарӕг Табуты Зӕринӕйы хӕст ӕрӕййӕфта Цӕгат Ирыстоны, уый ӕнхъӕлмӕ каст сабийы райгуырдмӕ. Цхинвалы хӕсты цӕхӕры баззадысты йӕ бинонтӕ се 'ппӕт дӕр - ныййарджытӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хиуӕттӕ. Уӕззаукъах сылгоймӕгты та Дзӕуджыхъӕуы Гуырӕн хӕдзары хызтой ӕвзӕр хабӕрттӕй, уымӕ гӕсгӕ чызг йӕ райгуырӕн бӕстӕйы цы рцыд, уый базыдта, йӕ чызджы райгуырдыл куы фӕцин кодта, уый фӕстӕ.

"Августы райдианы хъуыстон, Хуссар Иры арӕнтыл ӕхст кӕй сарӕх ис, фӕлӕ ахӕмтыл ахуыр уыдыстӕм. Фӕндзӕмы та мӕ схуыссын кодтой рынчындоны. Уым нӕ хызтой ӕвзӕр хабӕрттӕй, уымӕ гӕсгӕ телеуынадмӕ дӕр стӕм хатт кастыстӕм, мӕхиуӕттӕ дӕр мӕ хъахъхъӕдтой, мӕ райгуырӕн бӕстӕйы хӕст мын уыд сусӕггаг", - дзуры ныййарӕг.

© SputnikТабуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг
Августы хæсты æмкар Табуты Камилла радзырдта, цы зоны уыцы трагедийы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Табуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг

Зӕринӕйы Ирыстоны цы рцыд,уый кӕронмӕ дӕр нӕ бауырныдта, цалынмӕ йӕхи цӕстӕй федта Ирыстоны хуссар хай, уӕдмӕ.

"Камилла зынтӕй райгуырд, фӕлӕ мын уыцы изӕр загътой Цхинвалы цы цӕуы, уый. Мӕнӕн уый тӕссаг кинойы хуызӕн уыд, нӕ мӕ уырныдта, ӕцӕг ахӕм диссӕгтӕ кӕй ӕрцыд. Мӕ фыд Анатолий, ме 'фсымӕртӕ Георгий ӕмӕ Рустам иууылдӕр уыдысты хъахъхъӕнынады министрады сконды. Нӕ хӕдзар Бахъаты хъӕуы бахъыгдард, фӕлӕ нӕ стыр  фыдбылызтӕй Хуыцау бахызта",- мысы Зӕринӕ.

Хуссар Ирыстонмӕ чызг йӕ ӕнахъом сабиимӕ 'рцыд 15 сентябры, уӕдмӕ горӕт бафснайдтой, фӕлӕ Цхинвал сыгъд ӕмӕ пырх хӕдзӕрттӕ ӕмӕ саударджытӕй уыд йедзаг. 08.08.08 хъӕдгӕмттӕ хос кӕнынӕн бахъӕудзӕн бирӕ азтӕ.

"Ерын дӕр ма куы кӕсын хӕсты нывтӕм, уӕд мӕ кӕронмӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, ахӕм дудгӕбон уыд Хуссар Ирыстоны", - бафтыдта уый.

Зӕринӕйы рӕсугъд чызг ныридӕгӕн сӕхгӕдта ӕхсӕзӕм кълас Цхинвалы Колаты Аксойы аивӕдты лицейы. Уый у Ирыстоны ног фӕлтӕрӕй, кӕцытӕ хӕст зонынц ӕрмӕст кинонывтӕй ӕмӕ мысинӕгтӕй.

© SputnikТабуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг
Августы хæсты æмкар Табуты Камилла радзырдта, цы зоны уыцы трагедийы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Табуты Камилла ӕмӕ йӕ ныййарӕг

"Афтӕ мӕм кӕсы, мӕ дада ӕмӕ мады фсымӕртӕ кӕй ныхмӕ ӕрлӕууыдысты, уыдон уыдысты ӕгъатыр, æнæнамыс хӕстонтӕ. Уыдон ӕрбацыдысты туг калынмӕ", - дзуры чызг йӕхӕдӕг.

Камилла скъолайы уарзон предмет у англисаг ӕвзаг, фидӕны професси æвзаргӕйæ та йӕ миддунейы тох кӕнынц дизайнер ӕмӕ Ӕдасдзинады хахх (ӔФС).

"Фӕнды мӕ суӕвын дизайнер, науӕд та адарддӕр кӕнын ахуыр ӕдасдзинады федералон службӕйы хаххыл. Нырма йӕ нӕ аскъуыддзаг кодтон фидарӕй", - дзуры Камилла.

Чысыл чызгӕн йӕ кармӕ ӕнкӕсгӕйӕ ис йӕхи стыр бӕллиц - уый фӕнды снывӕндын йӕ уарзон горӕт Цхинвал.

"Кинойы куы уынын ногазон фӕлыст горӕт, уӕд фӕбӕллын Цхинвал дӕр ахӕмӕй фенын, цы ран канд рӕсугъд ногазон ахорӕнтӕ нӕ уа, фӕлӕ рӕсугъд ӕмӕ хӕрзарӕзт хӕдзӕрттӕ дӕр. Цалынмӕ дизайнер не сдӕн, уӕдмӕ дӕр ӕй зонын, куыд хъӕуы срӕсугъд кӕнын Цхинвал. Мӕн алкӕддӕр фӕды цӕрын ам", - бафтыдта чызг.

Дыууадӕсаздзыд Камиллайы ма фӕнды, цӕмӕй Ирыстоны зӕххыл ӕмӕ дунейы дӕр макуы уал уа хӕст, ӕмӕ зоны, цы хъӕуы саразын уый дӕр.

"Хъӕуы хӕларӕй цӕрын", - балхынцъ кодта Камилла.

Ног хабӕртты лентӕ
0