Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта медиктӕ ӕмӕ волонтерты коронавирусимӕ тохы тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта медиктӕ ӕмӕ волонтерты коронавирусимӕ тохы тыххӕй
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта медиктӕ ӕмӕ волонтерты коронавирусимӕ тохы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта коронавирусимӕ чи тох кӕны, уыдоны хайбавӕрд, афтӕ ма ӕрсидт медиктӕм активондӕр хайад исын привикӕйы кампанийы

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембӕлд Хуссар Ирыстоны медицинон кусджытӕ ӕмӕ волонтертимӕ, кӕцытӕ активон хайад исынц коронавирусимӕ тохы. Паддзахады сӕргълӕууӕг сын радта майдантӕ "COVID-19 пандемийимӕ тохы тыххӕй", хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

"Ныр дыууӕ азы ӕппӕт дунейы тох кӕнынц коронавирусимӕ. Медицинон кусджытӕй хъӕуы бӕрнон ахаст сӕ хӕслӕвӕрдтӕм, пациентты ӕмбаргӕдзинад, проблемӕтӕм хъусдард", - загъта Бибылты Анатолий фембӕлды рӕстӕджы.

вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ прививкӕ сарӕзтой 750 адӕймаджы онг
Афтӕ ма президент банысан кодта коронавирусимӕ чи тох кӕны, уыдоны хайбавӕрд, афтӕ ма ӕрсидт медиктӕм активондӕр дзурын вакцинацийы пайда ӕмӕ ахсджиагдзинады тыххӕй.

"Уый у нӕ иумӕйаг бӕрндзинад. Сымах федтат уыцы зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъуамӕ хъусын кӕнат ӕмбӕстӕгтӕн, цӕмӕй бахъахъхъӕной сӕхи ӕмӕ сӕ хиуӕтты. Статистикӕмӕ куы бакӕсӕм, уӕд нӕй гӕнӕн зӕгъын, медиктӕ активонӕй кӕй аразынц прививкӕтӕ. Сӕйраджыдӕр, хъӕуы бахъахъхъӕнын адӕмы мӕлӕтӕй. Нӕй гӕнӕн хъуыды кӕнын, ацы низӕй хи аиуварс кӕнын ис кӕй уыдзӕн фадат", - бахахх кодта президент.

Президент цӕвиттонӕн ӕрхаста Китай, цы ран вакцинаци рацыдысты миллиард адӕймагӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0