Сидахъты Зауыр йæ уæлахиз Олимпиадæйы снывонд кодта Къудухты Бесикæн

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæСидахъты Зауырбег
Сидахъты Зауырбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Рафыссын
Сидахъты Зауырбег æрхаста Уæрæсейы æмбырдгондæн 17-æм сыгъзæрин майдан. Богал аскъуыддзаг кодта йæ уæлахиз снывонд кæнын йе 'мзæххон спортсменæн, кæцыйы цард трагикъон æгъдауæй аскъуыд 2013 азы

ЦХИНВАЛ, 6 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Ирон хъæбысæйхæцæг Сидахъты Зауырбег йæ уæлахиз Токиойы олимпиаг хъæзтыты снывонд кодта Къудухты Бесикæн, кæцы фæмард аст азы размæ трагикъон æгъдауæй. Уый тыххæй йæ фарсыл Instagram ныффыста уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от Дзамболат Тедеев (@dzambolat_tedeev)

Ирон спортсмен майрӕмбоны сыгъзӕрины сӕраппонд ныхмӕлӕуды стох кодта Белоруссийы минӕвар Магомедхабиб Кадимагомедовимӕ. Уый ӕппӕт тохы рӕстӕджы дӕр йӕхи ӕвдыста хъаруджындӕрӕй ӕмӕ рамбылдта 7:0 хыгъдӕй. 

Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Къудухты Бесик - иууыл зынгæдæр æмæ хъаруджындæр хъæбысæйхæцджытæй иу. Уый фæмард ис 2013 азы фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн. Цыдис ыл æрмæстдæр 27 азы.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссынц уынгтæ Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0