Хуссар Иры спортсментӕ хайад райсдзысты дунейы чемпионаты ӕрыгӕтты хсӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБестауты Андрей
Бестауты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2021
Рафыссын
Дунейы чемпионат райдайдзӕн 16 августы Уфайы, егъау ерыстӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты дунейы 54 бӕстӕйы тыхджындӕр богалты

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Дыууӕ хуссарирыстойнаг спортсмены – Бестауты Андрей ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан – хайад райсдзысты дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕрыгӕтты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik тренер Коцты Тамерлан.

Егъау спортивон мадзал ацӕудзӕн горӕт Уфайы 16-18 августы ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн хайадисджыты дунейы 54 бӕстӕйӕ.

"Бестауты Андрей хайад райсдзӕн 125 килограммы уӕзы категорийы, Дзӕгъиаты Сослан та 97 килограммы онг. Ныртӕккӕ спортсментӕн уагъд цӕуынц тренировкӕтӕ Сочийы, уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕрмӕстдӕр уӕлахизмӕ", - банысан кодта Коцты Тамерлан.

Дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕрыгӕтты хсӕн Уфайы сӕ хъус дардзысты 2024 азы Олимпиаг хъӕзтыты потенциалон хайадисджытӕм.

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕгъиаты Сослан
Хуссар Иры спортсментӕ хайад райсдзысты дунейы чемпионаты ӕрыгӕтты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2021
Дзӕгъиаты Сослан
Ног хабӕртты лентӕ
0