Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2021
Рафыссын
Санитарон уагдоны фӕстаг информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 4543 фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 38 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕртыццӕджы сарӕзтой 230 тесты, уыдонӕй 38 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 20 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 722 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд ӕртын минӕй фылдӕр иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4543. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3821 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0