Цæгат Иры санаторий "Тамиск"-ы фæхъæстæ сты фараст сывæллоны

© Кавказ СегодняСанаторий "Тамиск"
Санаторий Тамиск - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2021
Рафыссын
Сывæллæтты уавæр у рæстæмбис, куы рбахаудтой, уæдæй нырмæ нæ февзæрдæр сты. "Роспотребнадзор"-ы минæвæрттæ систой хæлцад æмæ доны пробæтæ

ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Цæгат Ирыстоны Сывæллæтты рынчындоны инфекцион хайадмæ санаторий "Тамиск"-æй бахаудтой фараст сывæллоны хойрагон хъæстæйы нысæнттимæ, хъусын кæны 15-æм регион вице-премьеры хæстæ æххæстгæнæг Томайты Ирбеджы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ. 

"Сывæллæтты уавæр у рæстæмбис, куы рбахаудтой, уæдæй нырмæ нæ февзæрдæр сты. "Роспотребнадзор"-ы минæвæрттæ систой хæлцад æмæ доны пробæтæ", - æрхаста портал Томайы фырты ныхæстæ.

"Тамиск" - Цæгат Ирыстоны рагондæр санаторийтæй иу. Йæ фыццаг улæфджыты райста 1937 азы, уæдæй нырмæ уый ссис адæмæн уарзон бальнеологион курорт. Ам иурæстæджы фæулæфынц 25 адæймаджы онг, хос дзы кæнынц къорд низæн минералон дæтты руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0