Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры
Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Рафыссын
Ивгъуыд аз ацы ерысты Хуссар Ирыстоны спортсмен бацыд дӕс хуыздӕр теннисистты нымӕцмӕ

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны теннисисттӕ стох кӕндзысты  ӕппӕтуӕрӕсейон турнир "Кубок вызова"-йы Нальчикы, фехъусын кодта Sputnik уӕлыстъол теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан.

Хуссар Иры богал Бестауты Андрей ссис юниорты фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2021
Хуссарирыстойнаг богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады призер

Хуссар Ирыстоны командӕ ныридӕгӕн фидар цӕуы.

"Мах бацархайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ тыхджындӕр спортсментӕн сӕ бон уа стох кӕнын ацы ерысты",- загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, ивгъуыд аз ацы ерысты нӕ спортсмен бацыд дӕс хуыздӕр теннисистты нымӕцмӕ.

"Ивгъуыд азы ӕнтыст ахӕм гуырахстджын турниры у хорз ӕнтыст. Ам фӕархайынц Уӕрӕсейы тыхджындӕр спортсментӕ. Ацы аз дӕр нӕ хӕс у аккаг стох кӕнын", - бафтыдта уый.

Ерыстӕ цӕудзысты 24-28 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0