Бестауты Тамаз: ӕртындӕс азы размӕ 26 августы фесты ирон адӕмы хӕстон зындзинӕдтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТамаз Бестауты
Тамаз Бестауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.08.2021
Рафыссын
Уацамонгæйы майданы кавалер Бестауты Тамаз радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы радзырдта, цы аргъ бафыстой ирон адӕм сӕ хæдбардзинадыл, уый тыххæй
Бестауты Тамаз: иууыл тынгдæр тарстæн мæ дæлбар цы лæппутæ уыд уыдонæн

Хуссар Ирыстоны историйы 26 август у ахсджиаг датæ - Уæрæсейы Федераци банымадта паддзахады хæдбардзинад. Ирыстоны хъахъхъæнджытæй сæ иу Бестауты Тамаз Sputnik интервьюйы æрымысыд хæсты рæстæг ӕмӕ радзырдта, иууыл тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ цы бахъардта, уыцы цауты тыххӕй.

"Æхсæв æмæ мын бон нæ уыдис, Присы къуылдым куы хъахъхъæдтам, уæд. Фыццаг дыууæ-æртæ къуыри дзы ницы уыд арæзт, нæдæр дзы окоппытæ уыд. Цалынмæ уыдон къахтой, уæдмæ гуырдзиæгтæ нæ æрлæууыдысты сæ æхсынæй. Мæ тыхтæ фесæфтысты, макæуыл дзы мацы æрцæуа, уый мæтæй", - радзырдта Бестауты Тамаз.

Йӕ ныхæстæм гæсгæ 17 - 18-аздзыд лæппутæ хæсты нæ зонынц тæрсын æмæ сæхи æппарынц иууыл тæссагдæр бынæттæм.

"Æрмæст 2008 азы нын хистæртæй куы ничи дзуапп кодта, уæд иууылдæр ныхъхъус сты, уый сын уыд тынг зын", - ӕрымысыд командир.

Бестауты Тамаз бафиппайдта, зӕгъгӕ, 26 августы Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд ын тынг ирд æнкъарæнтæ нæ уыд, фæлæ æрсабыр ис уыцы хъуыдыйæ, зæгъгæ, хæсты зындзинæдтæ фесты.

Ног хабӕртты лентӕ
0