Бибылты Анатолий бафыста барамынд пенсиисджытӕн фиддонтӕ бафидыны фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Рафыссын
Хицауады рабадтыл дыццӕджы паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта министрты кабинетӕн бакусын республикӕйы пенсиисджытӕн фиддонтӕ бафидыны фарстыл
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд пенсиисджытӕн иухаттон фиддонтӕ бафидыны фӕдыл Республикӕйы бонмӕ. Документы текст ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.
Пенсиисӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Хуссар Иры пенсиисджытӕн бафиддзысты фӕйнӕ 5 мин сомы Республикӕйы бонмӕ
"Ӕмбӕстӕгтӕн социалон ӕххуыс бакӕныны нысанӕн сфидар кӕнын иухаттон фиддон 5 000 (фондз мин) сомы бӕрц адӕмӕн, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ 2021 азы 31 августмӕ сты пенсиисджытӕ ӕмӕ нӕ исынц пенситӕ Уӕрӕсейы Федерацийы законадмӕ гӕсгӕ", - дзырдӕуы барамынды.
Документмӕ гӕсгӕ, фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты Пенсион фонд ӕмӕ республикӕйы паддзахадон бюджетӕй.
Ӕмбӕстӕгтӕ фиддонтӕ райсдзысты фӕтк ӕмӕ уавӕртыл, кӕцытӕм гӕсгӕ райсынц пенситӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0