Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 45 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Магда Гибелли /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры рабӕрӕг кодтой 45 рынчыны коронавирусӕй
Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 45 рынчыны коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Рафыссын
Ивгъуыд суткӕйы ауагътой 251 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораторийы, уыдонӕй 45 равдыстой ӕвӕрццаг хатдзӕгтӕ
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны суткӕйы дӕргъы сбӕлвырд кодтой 45 рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры
"Ивгъуыд суткӕйы ауагътой 251 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораторийы, уыдонӕй 45 равдыстой ӕвӕрццаг хатдзӕгтӕ", - загъта Коцты Марина.
Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы сӕнӕниз сты 4280 пациенты, уыдонӕй 37 медицинон хыгъдӕй систой фӕстаг суткӕйы. Медицинон хъусдарды бын нырма дӕр сты 757 рынчыны, бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 5037 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0