Уæрæсе æмæ Хуссар Иры хсæн арæныл цæстдард фæкарздæр хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй

© Sputnik / Карина ГаглоеваУæрæсе æмæ Хуссар Иры хсæн арæныл цæстдард фæкарздæр хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй
Уæрæсе æмæ Хуссар Иры хсæн арæныл цæстдард фæкарздæр хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2021
Рафыссын
Дæллаг Зæрæмæджы пунктты фæкарздæр цæрæгойтӕ, хæлцад æмæ цæрæгойты холлæгты баластмӕ цæстдард
ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл цæстдард фæкарздæр РХИ хуыты африкæйаг емынæйы фæзынды тыххæй, хъусын кæны 15 регион.
"Россельхознадзор"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амынд низ регистрацигонд æрцыд Хуссар Ирыстоны æртæ бынаты. Дæллаг Зæрæмæджы пунктты фæкарздæр цæрæгойтӕ, хæлцад æмæ цæрæгойты холлæгты баластмӕ цæстдард", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны дыууæ районы сбæлвырд кодтой африкæйаг емынæ – Ленингор æмæ Цхинвалы районты. Низы апарахты тыххæй бæрнон уагдæттæ районты бацæуæнты сæвæрдтой дезгӕрӕнтӕ.
Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц, цӕмӕй рыны апарахаты территорийӕ хӕдтулгӕтӕ ма рахӕссой тӕссаг вирус, кӕцы цӕгъды хуыты мыггаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0