Историон цау: Цхинвалы айзӕлыд фыццаг дзӕнгӕрӕг ног ӕртыккӕгӕм скъолайы

© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы рагондӕр скъолатӕй иуы абон ис дыууӕ бӕрӕгбоны – Зонындзинӕты бон ӕмӕ ног бӕстыхайы бӕрӕгбонон баконд. Объект арӕзт ӕрцыд 2020-2022 ӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ацыд ӕртыккӕгӕм скъолайы ног бӕстыхайы бӕрӕгбонон баконд. Къуырисӕры, 6 сентябры, ацы скъолайы айзӕлыд фыццаг дзӕнгӕрӕг.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Открытие школы №3 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Цхинвалы ӕртыккӕгӕм скъола у Хуссар Ирыстоны рагондӕр скъолатӕй иу. Уый арӕзт ӕрцыд 1930 ӕзты. Аварион уавӕры тыххӕй бӕстыхай ныппырх кодтой, ног скъола сарӕзтой 2020-2022 ӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты.
Зонындзинӕдты бонмӕ ӕрбацыдысты президент Бибылты Анатолий, УФ минӕвар республикӕйы Марат Кулахметов, ахуырады министр Гасситы Натали.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Открытие школы №3 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
"Тынг ӕхсызгон мын у уынын алкӕйдӕр ацы бӕрӕгбоны. Махӕн абон ис дыууӕ бӕрӕгбоны – Зонындзинӕдты бон ӕмӕ скъолайы баконды бон. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын Уӕрӕсейы Федерацийӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ скъола арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы финансон ӕххуысы руаджы. Тынг рӕсугъд ӕмӕ комфортабелон скъола у", - банысан кодта скъолайы директор Бестауты Мӕдинӕ.
Уый бахахх кота, бӕстыхай эксплуатацимӕ кӕй радтой ӕмгъуыдӕй раздӕр, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕмбӕлой Зонындзинӕдты боныл сӕ ног скъолайы.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Бестауты Мӕдинӕ бузныг загъта ахуырадон уагдоны бӕстыхайы арӕзтады хайад чи ста, уыдонӕн, афтӕ ма 12-ӕм скъолайы дирекцийӕн, цы ран уыдон куыстой, цалынмӕ сын сӕ скъола арӕзтой.
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ахуырдзаутӕн, ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ сӕ ахуыры, афтӕ ма бузныг загъта Уӕрӕсейы Федерацийӕн скъолайы арӕзтады тыххӕй, аразджытӕн та цӕсгомджын куысты тыххӕй.
"Ӕртыккӕгӕм скъоламӕ ӕрыздӕхт у ахсджиаг цау. Кӕцы рӕсугъддзинад уынӕм, уый у ноджы иу лӕвар нӕ сывӕллӕттӕн Уӕрӕсейӕ. Мӕхи номӕй, афтӕ ма ныййарджыты ӕмӕ ахуыргӕнджыты номӕй мӕ ноджы иу хатт фӕнды зӕгъын бузныг хъусдардӕн, кӕцы мах ӕрвылбон исӕм Уӕрӕсейӕ", - банысан кодта Бибылты Анатолий.
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов бахахх кодта, ӕртыккӕгӕм скъола ныр кӕй у Цхинвалы иууыл рӕсугъддӕр бӕстыхӕйттӕй иу.
Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, мидтыхстимӕ кӕй гом кӕны скъола, цы ран ахуыр кодтой йӕ ныййарджытӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Открытие школы №3 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Ӕртыккӕгӕм скъолайы баконд
Республикӕйы президентӕн банхъардтой ныффыссын йӕ арфӕйы ныхӕстӕ абоны фыццагкъласонтӕн. Фыстӕг сӕхгӕдтой сейфы, ӕмӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Бибылты Анатолий уыдзӕн кадджын уазӕг ацы фӕсивӕды рауагъдон балы рӕстӕджы, кӕцыйы рӕстӕджы сейф бакӕндзысты.
Бӕрӕгбонон церемонийы рӕстӕджы алыг кодтой сырх лентӕ. Ног скъоламӕ фыццаг бацыдысты 25 фыццагкъласоны. Фыццаг дзӕнгӕрӕг ӕдӕппӕт айзӕлыд скъолайы 170 ахуырдзауӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0