Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 5102 адӕймаджы, ныридӕгӕн ма медикты хъусдарды бын сты 720 пациенты
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны COVID-19 сбӕрӕг кодтой 25 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты дыццӕджы райсом.
"Нӕ лабораторийы 3 сентябры сарӕзтӕуыд 225 тесты. Уыдонӕй 25 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 45 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 720 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4382 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 33 657 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5102.
Ног хабӕртты лентӕ
0