Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Пресс-служба ЮВОКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 5152 адӕймаджы. Ныридӕгӕн медикты хъусдарды бын сты 730 пациенты
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри COVID-19 сбӕрӕг кодтой 23 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы 6 сентябры сарӕзтӕуыд 198 тесты. Уыдонӕй 23 пробӕйы равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 20 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 730 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4422 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 34 минӕй фылдӕр иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5152.
Ног хабӕртты лентӕ
0