Хабаровскы ирон сæудæджерты хæдзары байгом ресторан

© 15-Й РЕГИОНХабаровскы ирон сæудæджерты хæдзары байгом ресторан
Хабаровскы ирон сæудæджерты хæдзары байгом ресторан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Рафыссын
Архитектурæйы цыртдзæвæн сног кодта зындгонд реставратор æмæ меценат, Хæзнидоны хъæуæй рацæугæ Хидырты Валерий
ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Хабаровскы сæудæджертæ Таболты Семен æмæ Битарты Алыксандры историон хъæдын агъуысты байгом уыдзæн ног ресторан, хъусын кæны "15-æм регион".
Меценат 2005 азы балхæдта бæстыхай, цæрджыты æндæр бынæтты æрцæрын кодта æмæ реставрацимæ бавнæлдта. Реставраци ахаста фынддæс азы бæрц.
Самарӕйы сарӕзтой Ирон хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2021
Самарӕйы сарӕзтой "Ирон хӕдзар"
"Уый у Терчы губернийæ рацæуæг адæмы, зæгъæн ис, æмæ ме "мхъæуккæгты Таболты Семен æмæ Битарты Алыксандры хæдзар. Хæдзар уыд кæлæддзаг уавæры. Йæ бынаты аразынвæнд кодтой уазæгдзæрæн бирæуæладзыг агъуыст. Тых æмæ йæ амæлттæй бахъахъхъæдтон! Реставраци зынтæй цыди. Агъуыст уыд тынг æвзæр уавæры. Ацы хæдзарæн ис тынг хъæздыг истори. Таболты Семен æмæ Битарты Алыксандр куыстой Китайы æфсæнвæндагыл, Хабаровскмæ æрцыдысты, балхæдтой зæххы хай æмæ самадтой ацы хæдзар. Уым æрбынат кодтой уазæгдзæрæн "Гранд-отель" æмæ уæды Хабаровскы хуыздæр ресторан "Лондонъ" – цавд хауы фæстаг уæнгыл", – хъусын кæны Хидырты Валерийы ныхæстæ 15 регион.
Рахастæуыд уынаффæ Таболты Семен æмæ Битарты Алыксандры хæдзарæй йæ историон нысанмæ гæсгæ пайда кæныны тыххæй. Раздæрау дзы кусдзæн уырыссаг хæринæгты ресторан.
Ног хабӕртты лентӕ
0