Хуссар Иры театры труппӕ ацыд ӕппӕтуӕрӕсеон фестивальмæ Цæцæнмæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры театры труппӕ ацыд ӕппӕтуӕрӕсеон фестивальмæ Цæцæнмæ
Хуссар Иры театры труппӕ ацыд ӕппӕтуӕрӕсеон фестивальмæ Цæцæнмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Рафыссын
Ханапши Нурадиловы номыл Цӕцӕны театры сценӕйыл ралӕудзысты Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан, Тъехты Василий, Харебаты Жан-Жак, Куымӕридтаты Батрадз, Джиоты Сослан ӕмӕ Гаглойты Эдуард спектакль "Юлий Цезарь"-ы
ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр равдисдзӕн национ театрты ӕппӕтуӕрӕсеон фестиваль "Федерация "-ы спектакль"Юлий Цезарь", фехъусын кодта Sputnik уагдоны аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Труппӕ афӕндараст ис къуырисӕры, фестиваль йӕ куыст райдыдта сабаты.
"Хуссар Ирыстоны труппӕйы ралӕуд нысангонд у 14 сентябрьмӕ. Мадзал цӕудзӕн Ханапши Нурадиловы номыл Цӕцӕны театры",- загъта Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спектаклӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстон делегаций уӕнгтӕ архайдзысты режиссерты баттлы. Йӕ темӕ у "Национальный театр в поисках идеала".
Хуссар Иры театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Хуссар Иры театр байгом кӕндзӕн ног сезон
Фестивалы фæлгæтты ма ацæудзæн Нина Карповайы мастер-класс "Медиапространство как среда социального взаимодействия", сфæлдыстадон фембæлдтæ номдзыд артисттæ Юрий Васильев æмæ Ольга Кабоимæ. Уымæй дарддæр ма ауадздзысты тымбыл фынг "Перспективы национальных театров на российских и международных фестивалях".
Культурон мадзал ацӕудзӕн Цӕцӕны 11-19 сентябры, йӕ организатортӕ сты Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕцӕйнаг хайад.
Ног хабӕртты лентӕ
0