Бибылты Анатолий: хъӕд у Хуссар Иры национ хӕзна

© Sputnik / Александра АлбороваБилурта
Билурта - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Рафыссын
Президент раарфӕ кодта хъӕды хӕдзарады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы хъӕдтӕй рационалон пайда кӕнын кӕй хъӕуы
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Хъӕд у Хуссар Ирыстоны национ хӕзна, экологион ӕдасдзинады бындур ӕмӕ республикӕйы экономикон райрӕзты ахсджиаг фактор. Уый тыххӕй фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы хъӕды хӕдзарады кусӕджы боны фӕдыл.
"Хъӕдтӕй рационалон пайда кӕнын ӕмӕ сӕм хъавгӕ ахаст дарын у махӕн алкӕмӕндӕр нӕ хӕслӕвӕрд. Уымӕн ӕмӕ ууыл баст у нӕ фидӕны фӕлтӕрты ӕнӕниздзинад", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, хъӕды хӕдзарады кусджыты фӕлтӕрддзинад, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕрнон ахаст дарддӕр дӕр кӕй уыдзысты ахъаз Хуссар Ирыстоны ӕрдз бахъахъхъӕнынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0