Хуссар Иры хицауад медиктӕн фиддонтӕн рахицӕн кодта 10 милуан сомӕй фылдӕр

© Из архива Аэлиты ДжиоевойРБМЦ "сырх зонӕ"
РБМЦ сырх зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2021
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл скъуыддзаг рахастӕуыд цыппӕрӕмы республикӕйы хицауады ӕнӕрадон рабадтыл
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй 10,2 милуан сомы сӕрмагонд социалон фиддонтӕн медиктӕн ӕмӕ ӕндӕр кусджытӕн коронавирусимӕ тохы тыххӕй, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.
Скъуыддзаг рахастӕуыд хицауады ӕнӕрадон рабадтыл. Фӕрӕзтӕ байуӕрстой афтӕмӕй:
  • Республикон бирӕпрофилон медицинон центр 2021 азы 1 майӕ 31 августы онг периоды тыххӕй райсдзӕн 9 425 210 сомы
  • Дзауы районон рынчындон 1 апрелӕй 31 августы онг периодӕн райсдзӕн 350 750 сомы
  • Къуайсайы рынчындон 22 июнӕй 31 августы онг периодӕн райсдзӕн – 347 833 сомы
  • Знауыры районон рынчындон 1 июнӕй 31 августы онг периодӕн райсдзӕн – 79 250 сомы
  • Цхинвалы районы амбулаторон ӕххуысы центр 1 июлӕй 31 августы онг периодӕн райсдзӕн 73 750 сомы
Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий бахӕс кодта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн хъус дарын рахицӕнгонд фӕрӕзты хардз кӕнынмӕ ӕмӕ бавдисын Финансты министрадӕн хыгъдлӕвӕрд уый фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0