Дыууӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы бахызтысты Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ дунейы чемпионаты

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Командӕйы сконды ма ис Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Абдулрашид Садулаев ӕмӕ Европӕйы ныры чемпион Абасгаджи Магомедов
ЦХИНВАЛ, 22 сен – Sputnik. Найфонты Артур ӕмӕ Уалыты Радик бахызтысты Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпионаты Ослойы, кӕцы райдайдзӕн 2 октябры. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2021
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон богалтӕ - паралимпиӕгтӕн
Командӕйы сконд фехъусын кодтой 22 сентябры Сочийы. Командӕ сарӕзтой контролон тохты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ. Хайадисджыты скондмӕ бахызтысты Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Абдулрашид Садулаев (97 кг) ӕмӕ Европӕйы ныры чемпион Абасгаджи Магомедов (61 кг).
"Контролон тохтӕ, кӕцытӕ ацыдысты знон, равдыстой, чи у цӕттӕ тох кӕнынн сыгъзӕрин майдантыл дунейы чемпионаты. Командӕйы скондмӕ бахызт дыууӕ хатты олимпаг чемпион Абдулрашид Садулаев, кӕцы Токиойы йӕ триумфмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ногӕй тох кӕндзӕн майдантыл. Дунейы чемпионаты хайадисджыты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл аст уӕзы категорийы ауагътой контролон тохтӕ, тӕрхонгӕнджытӕ уыдысты нӕ бӕстӕйы иууыл хуыздӕр реферитӕ", - радзырдта Тедеты Дзамболат.
Ног хабӕртты лентӕ
0