Ирыстойнаг зарӕггӕнӕг ауадздзӕн йӕ дыккаг солон концерт Мӕскуыйы

© Из личного архива Любы ДжиоевойДжиоты Люба
Джиоты Люба - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Джиоты Любайы хисӕрмагонд концерты организатортӕ сты йе ‘мбӕстӕгтӕ – оперон зарӕггӕнӕг Хӕбӕлаты Лали, Битеты Наталья ӕмӕ Гасситы Фатимӕ
ЦХИНВАЛ, 22 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Мӕскуыйы 20 октябры ацӕудзӕн цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайы дыккаг солон концерт, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.
"Уыдзӕн дзы зарджытӕ ӕрмӕст Хъодалаты Марияимӕ нӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-йӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр популярон тректӕ, кӕцытӕ раздӕр зарыдтӕн. Фӕзуат ацы хатт уыдзӕн фылдӕр фыццаг концертмӕ абаргӕйӕ", - загъта уый.
Мӕскуыйы солон концерты размӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария спрезентаци кӕндзысты альбом "Хурӕн зарыд мӕй" Цхинвалы. Музыкалон изӕр ацӕудзӕн 27 сентябры 19.00 сахатыл Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.
Хъодалаты Мария – зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты автор, фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг ныффыста йӕ фыццаг клип "Ӕз бузныг дӕн" зарӕгмӕ. Джиоты Люба ссис зындгонд Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0