Хуссар Иры дыууӕ бонмӕ сбӕрӕг кодтой 119 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 5867 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 4934 адӕймаджы сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны 24 ӕмӕ 25 сентябры сбӕрӕг кодтой 119 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Майрӕмбон ӕмӕ сабаты сарӕзтӕуыд 582 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 119 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 46 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 933 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4934 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 36 мин иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5867.
Ног хабӕртты лентӕ
0