Хуссар Иры МХМ кусджытӕ равдыстой сӕ фӕлтӕрддзинад автоматикон хӕцӕнгарзӕй ӕхсынӕй

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ кусджытӕ равдыстой сӕ фӕлтӕрддзинад автоматикон хӕцӕнгарзӕй ӕхсынӕй
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ равдыстой сӕ фӕлтӕрддзинад автоматикон хӕцӕнгарзӕй ӕхсынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Рафыссын
Уагдоны кусджытӕ ӕхстой Калашниковы автоматӕй 100 метры дистанцимӕ
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ радыстой сӕ фӕлтӕрддзинад Калашниковы автоматӕй ӕхсынӕй 100 метры дистанцимӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы МХМ пресс-службӕ.
Цхинвал-Знауыр фӕндагыл ӕрурӕдтой нозтджын нӕлгоймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2021
Цхинвал-Знауыр фӕндагыл ӕрурӕдтой нозтджын нӕлгоймаджы
Банысангонд ӕрцыд, ахуырадон ӕхстытӕ табелон автоматикон хӕцӕнгарзӕй кӕй ацыдысты министрады полигоны. Ахуырадон ӕхстыты размӕ Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕн ауагътой инструктаж ӕдасдзинады мадзӕлтты фӕдыл.
"Ахуырты рӕстӕджы уагдоны кусджытӕ ӕхстой Калашниковы автоматӕй 100 метры дистанцимӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уагдоны ма бафтыдтой, ӕхстытӕ кӕй цӕуынц службӕйон-хӕстон цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты ӕмӕ здӕхт сты МХМ кусджыты ӕхсыны цӕттӕдзинад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0