Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 100 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЛаборатори
Лаборатори  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 6125 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 5200 сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 1 окт— Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 100 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры майрæмбоны.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 302 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 100 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 73 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 925 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5200 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 38 056 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6125.
Ног хабӕртты лентӕ
0