Хусарирыстойнаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Уӕрӕсейы юниорон фыццагады ӕвзист

Бестауты Андрей  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Рафыссын
Финалы хуссарирыстойнаг спортсмен 125 килограммы онг уӕзы категорийы фӕхӕрд дагестайнаг Сайпудин Магомедовӕн 3:2 хыгъдӕй
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Хуссарирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Бестауты Андрей ссис Уӕрӕсейы фыццагады U-23 ӕвзист призер, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Турнир цыд Подмосковьейы, Наро-Фоминскы. Ирон богал дзы архайдта 125 килограммы онг категорийы. Финалмӕ фӕндагыл тренер Коцты Тамерланы хъомылгӕнинаг рамбылдта ӕртӕ ныхмӕлӕууӕджы, фӕлӕ фӕстагмӕ фӕкъуыхцы ис.
"Финалы хуссарирыстойнаг спортсмен фӕхӕрд дагестайнаг Сайпудин Магомедовӕн 3:2 хыгъдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, Наро-фоминскы сфидар кӕндзысты Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйы сконд  дунейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 1-7 ноябры Белграды.
Ног хабӕртты лентӕ
0