Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19 фӕдыл

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт республикӕйы сбӕрӕг кодтой 6314 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 5260 сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 4 окт— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 75 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik къуырисӕры Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 236 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 75 адӕймагӕн. Ивгъуыд суткӕ медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1054 адӕймаджы", - радзырдта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5260 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 38 418 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6314.
Ног хабӕртты лентӕ
0