https://sputnik-ossetia.com/20211010/Dzhygkayty-Bella-argutt-fyssg-khuam-sabity-uarza-12856756.html
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Sputnik Хуссар Ирыстон
Аргъæуттæ фыссæг Джыгкайты Бэлла радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ сфæлдыстады тыххæй 10.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-10T12:32+0300
2021-10-10T12:32+0300
2021-10-07T13:06+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1035/71/10357100_0:0:3071:1737_1920x0_80_0_0_d7a613b60c1b98ca884494a215eabb2d.jpg
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Sputnik Хуссар Ирыстон
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Адæймаджы сабибонтæ райдайынц аргъæуттæй. Джыгкайты Бэлла куыд радзырдта уымæ гæсгæ, цæмæй аргъау ныффысса адæймаг, уый тыххæй хъуамæ уарза сывæллæтты."Сабитæн фыссын зындæр у, аргъæуттæ фыссæг у куыд ахуыргæнæг афтæ. Сабиты куыннæ уарзай, уæд цыфæнды профессионалæн дæр фæзын уыдзæн фыссын", - загъта Бэлла.Джыгкайты Бэлла ма куыд загъта уымæ гæсгæ, уый фыссын райдыдта нæма скъолайы куы ахуыр кодта уæд."Фыстон æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ дæр мын уыд, фæлæ фылдæр фыстон нывафыстытæ уарзондзинадыл", - бафиппайдта аргъæуттæ фыссæг.Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзонгæй сфæнд кодта Мæскуйы Горькийы номыл литературон институтмæ ацæуын ахуырмæ, фæлæ йæ хæдзары бинонтæ афтæ дард нæ ауагътой."Уæд бацыдтæн нæхи институтмæ химико-биологон факультетмæ. Куы ахъуыды кæнын, уæд мæ ныры зонд куы уыдаит, уæд æнæмæнг ацыдаин Мæскуымæ ахуыркæнынмæ, фæлæ ацы царды хуымæтæджы ницы вæййы. Мæ аргъæуттæ фылдæр сты сырдты тыххæй, æмæ сын куыннæ зыдтаин сæ миддуне, уæд сæ нæ ныффыстаин, уымæн та мын фæахъаз биологон факультеты кæй ахуыр кодтон, уый", - банысан кодта фыссæг.Бэлла ма бафтыдта, кæд æмæ хаттæй-хатт ныффыссы æмдзæвгæтæ дæр, уæддæр аргъæуттæ фыссын уарзы тынгдæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1035/71/10357100_0:0:3071:1931_1920x0_80_0_0_771e453e88fc2efc19f2e70c4e4f2f1b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
радио иронау , радио
Джыгкайты Бэлла: аргъæуттæ фыссæг хъуамæ сабиты уарза
Аргъæуттæ фыссæг Джыгкайты Бэлла радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ сфæлдыстады тыххæй
Адæймаджы сабибонтæ райдайынц аргъæуттæй. Джыгкайты Бэлла куыд радзырдта уымæ гæсгæ, цæмæй аргъау ныффысса адæймаг, уый тыххæй хъуамæ уарза сывæллæтты.
"Сабитæн фыссын зындæр у, аргъæуттæ фыссæг у куыд ахуыргæнæг афтæ. Сабиты куыннæ уарзай, уæд цыфæнды профессионалæн дæр фæзын уыдзæн фыссын", - загъта Бэлла.
Джыгкайты Бэлла ма куыд загъта уымæ гæсгæ, уый фыссын райдыдта нæма скъолайы куы ахуыр кодта уæд.
"Фыстон æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ дæр мын уыд, фæлæ фылдæр фыстон нывафыстытæ уарзондзинадыл", - бафиппайдта аргъæуттæ фыссæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзонгæй сфæнд кодта Мæскуйы Горькийы номыл литературон институтмæ ацæуын ахуырмæ, фæлæ йæ хæдзары бинонтæ афтæ дард нæ ауагътой.
"Уæд бацыдтæн нæхи институтмæ химико-биологон факультетмæ. Куы ахъуыды кæнын, уæд мæ ныры зонд куы уыдаит, уæд æнæмæнг ацыдаин Мæскуымæ ахуыркæнынмæ, фæлæ ацы царды хуымæтæджы ницы вæййы. Мæ аргъæуттæ фылдæр сты сырдты тыххæй, æмæ сын куыннæ зыдтаин сæ миддуне, уæд сæ нæ ныффыстаин, уымæн та мын фæахъаз биологон факультеты кæй ахуыр кодтон, уый", - банысан кодта фыссæг.
Бэлла ма бафтыдта, кæд æмæ хаттæй-хатт ныффыссы æмдзæвгæтæ дæр, уæддæр аргъæуттæ фыссын уарзы тынгдæр.