Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ссис цыппӕрӕм хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпионаты майданон бахыгъды

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæТедеты Дзамболат
Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Рафыссын
Дунейы чемпионат цыд  2-10 октябры, спортсментӕ стох кодтой хорзӕхты 30 комплектыл
ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд бацахста цыппӕрӕм бынат хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпионаты иумӕйаг майданон бахыгъды. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды минӕвӕрттӕ рамбылдтой 4 сыгъзӕрин, 5 ӕвзист ӕмӕ 9 бронзӕйон майданы.
Чемпионаты хицӕндзинад уыд уый, ӕмӕ кӕй цыд Олимпиадӕйӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕ мӕйы фӕстӕ. Уӕрӕсейы командӕйы уыд аст дебютанты. Ослойы олимпиадӕйы архайджытӕй тох кодтой ӕрмӕстдӕр Найфонты Артур ӕмӕ Садулаев. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Тедеты Дзамболаты сӕргълӕудӕй ӕмбырдгонд райста фыццаг командон бынат.
"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ не ‘мбырдгонд ралӕууыд тынг хорз. Уыд нӕм тыхджын фӕсивӕд, мах баууӕндыдыстӕм ӕвзонг спортсментыл, кӕд дзы кӕцыдӕртӕ Уӕрӕсейы чемпионаты призертӕ дӕр никуы уыдысты, уӕддӕр. Ӕмӕ сарӕзтам раст. Ныртӕккӕ нӕ командӕ дыууӕ хатты у тыхджындӕр, уый та бирӕйы аргъ у", - нымайы Тедеты Дзамболат.
Ерыстӕ балхынцъ сты хуыцаубоны грекаг-римах хъӕбысхӕсты ныхмӕлӕудтӕй. Уым уӕрӕсейаг "классиктӕ" баисты иу сыгъзӕрин, цыппар ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйы хицӕуттӕ. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй та уӕрӕсейаг богалтӕ рамбылдтой ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ цыппар бронзӕйон майданы. Сылгоймӕгты хъӕбысхӕсты та Уӕрӕссейӕн ӕрхастой дыууӕ бронзӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0