Югосетпотребнадзор сбӕрӕг кодта 111 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 116 рынчыны COVID-19-ӕй, медикты хъусдарды бын сты 2 минмӕ ӕввахс адӕмы
ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 111 ног рынчыны коронавирусӕй ивгъуыд суткӕйы, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 307 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 111 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 52 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1995 адӕймаджы", - радзырдта уагдоны сӕргълӕууӕг.
Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5910 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 43 598 иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 7905. 
Ног хабӕртты лентӕ
0