Хуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кодта хъусдард мигрантты фӕдыл

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кодта хъусдард мигрантты фӕдыл
Хуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кодта хъусдард мигрантты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) мигрантты хъуыддӕгты фӕдыл дӕлхайады кусджытӕ фӕтыхджындӕр кодтой хъусдард мигрантты фӕдыл республикӕйы карантинон режим кӕй бакодтой, уый тыххӕй.
"Мах иудадзыг уадзӕм рейдон мадзӕлттӕ, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм мигранттӕм. Афтӕ ма сӕм мах сидӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной маскӕйы режим, пайда кӕной дезинфекцион фӕрӕзтӕй ӕмӕ ӕххӕст кӕной санитарон-эпидемиологон домӕнтӕ. Басгӕрстты рӕстӕджы фехӕлдтӕ не сбӕрӕг кодтой, се хсӕн нӕй низы миниуджытимӕ гоймӕгтӕ дӕр", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ хистӕр инспектор Къацты Альберты ныхӕстӕ.
Рейдтӕ уагътой мигрантты цӕрыны бынӕтты. Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй ӕххӕст кӕной карантинон мадзӕлттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0