Мӕскуыйы фӕстаг хӕрзбон загътой Ирӕй рацӕугӕ актрисӕ Бестауты Татьянайӕн

© Sputnik / Георгий Тер-ОванесовБестауты Татьяна
Бестауты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Рафыссын
Номдзыд артисткӕ, кӕцыйы ном хъуыстгонд уыд ӕгас Советон цӕдисы, йӕхи йӕ фӕстаг бонтӕм баста йӕ райгуырӕн бӕстӕ - Хуссар Ирыстонимӕ, ӕнгом ахастытӕ йын уыд йӕ хиуӕттимӕ Цхинвалы
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы столицӕйы цыппӕрӕмы фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ адӕмон артисткӕ, кино ӕмӕ театры актрисӕ Бестауты Татьянайӕн.
Бестауты Татьяна Уӕрӕсейы кинематографийы историмӕ бацыд куыд курдиатджын артисткӕ, нымад цыд Советон цӕдисы рӕсугъддӕр актрисӕтӕй иуыл.
© Sputnik / РИА НовостиБестауты Татьяна
Татьяна Бестаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Бестауты Татьяна
Йӕ цардӕй ахицӕн ис 84 азы кары, фӕстаг рӕстӕджы хос кодта мӕскуыйаг клиникӕтӕй иуы.
Ирон чызгӕн йӕ ном айхъуыст ӕппӕт цӕдисыл музыкалон киноныв"Матрос с "Кометы" куы ахъазыд, уый фӕстӕ. Уый фӕстӕ йын уыд фӕлгонцтӕ кинонывты "Семь стариков и одна девушка", "Тени забытых предков", "Совершенно серьезно", "Дневной поезд", "Дни хирурга Мишкина" ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ивгъуыд ӕнусы Моссоветы театры сценӕйыл архайдта Любовь Орловаимӕ ӕмӕ Фаина Раневскаяимӕ ӕмӕ ӕндӕр уӕрӕсейаг актрисӕтимӕ. 1976 азы йын саккаг кодтой сгуыхт артисткӕйы номӕй.
"Ӕз цыдтӕн йӕ спектакльтӕм Моссоветы театрмӕ. Номдзыд актрисӕ уыд ӕмӕ йӕхицӕн уӕлӕнгай хъазт акӕныны бар нӕ дӕтта. Ӕхсызгон уыд йӕ ратӕдзӕнтӕ кӕй нӕ рох кодта, ӕмӕ алкӕддӕр дзырдта Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ кӕй уыд", - загъта журналист Пӕррӕстаты Лана.
Актрисӕ йе 'взонджы бонты арӕх уыд йӕ райгуырӕн къуыммӕ. Бестауты бинонтӕн Хуссар Ирыстоны уыд бирӕ хӕстӕджытӕ.
© Sputnik / Александр ЛыскинБестауты Татьяна
Татьяна Бестаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Бестауты Татьяна
Уыдон куыд дзурынц, афтӕмӕй, кӕд фӕстаг ӕзты йын ӕрцӕуын нал ӕнтыст, уӕддӕр йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ бастдзинӕдтӕ нӕ сӕфта, ӕнгом ахастытӕ сын уыд.
"Ӕнахуыр уарзт кодта Ирыстон ӕмӕ йӕ фыд Ладойы ӕмӕ йӕ ӕргомӕй дзырдта йӕ ахаст" , - радзырдта Sputnik хӕстӕджытӕй сӕ иу.
Бестауты Татьяна уыд артисткӕ дыккаг фӕлтӕры, йӕ фыд Ладо уыд ӕгомыг кинойы артист. Уый райгуырд Знауыры районы Чъорбаулийы хъӕуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0