Нуазыны дон, æвзæр фæндаг, иунæг адæм: цæуыл тыхсынц Арцеуы цæрджытæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Арцеу
 Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы арӕнгӕрон зонæ Арцеуы цӕрджытӕ хатынц республикæйы хицауадмæ, цæмæй сын сæ хъæумæ хорз фӕндаг саразой, сифтонг кӕной нуазыны донӕй ӕмӕ фæкæсой хъӕуы иунӕг ӕркастхъуаг адӕммæ.
Арцеуы, куыд бæстæйы ӕппӕт къуымты дӕр, ис йӕхи зындзинӕдтӕ. Цӕрынц Гуырдзыстонимӕ арӕнгӕрон. Паддзахадон арӕны сӕртыл ахизынмӕ кӕд адӕм нӕ бахъавынц, уӕд фос та разынынц уӕндондӕр. Уый у хъӕуы цӕрджыты катайагдæр фарстытӕй иу.
"Хъӕуы цӕрджыты 60 проценты цæрынц арӕныл. Дыууӕ паддзахады хсӕн арӕн нӕу ӕгхӕд, фос сӕрибарӕй ахизынц иннæ фарсмæ ӕмӕ мах фæагурӕм фадӕттӕ уыдон фӕстӕмӕ раздахынӕн. Ӕрӕджы нын баххуыс кодта Коцты Егор, кӕцы уыцы рӕстӕг уыд Женевӕйы ӕмӕ Гуырдзыстоны фарсы фӕдзурын кодта, цæмæй нын раздахой нӕ фос", - загъта хъӕуы хицау Хъазиты Мурӕт.
Уый бафтыдтæ, зæгъгæ, арӕн ӕмбонд куы уаид, уӕд афтӕ тынг нӕ тыхсиккой адӕм.
© Sputnik / Natalia AiriyanАрцеу
Осень в селе Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Арцеу
Хъӕуы цӕрджыты сӕйраг проблемӕтӕй ма иу у ӕвзӕрвадат фӕндаг. Арцеумӕ столицæйæ кӕнынц дыууӕ фӕндаджы. Сӕ иу Цхинвал -Ленингоры трассӕйӕ Громыл ӕрцӕугӕйӕ. Фӕлӕ ацы фӕндаг у, дӕ хъусмӕ дӕ сӕртыл куыд ӕвналай, уыйау.
"Ацы фӕндаг арӕзт куы уаид, уæд 20 минутмӕ хӕццӕ кӕниккам Цхинвалмӕ. Мах уымӕ тынг бӕллӕм", - загъа хъӕуы цӕрӕг чызг Гойаты Алла.
Чызгимӕ разы у хъӕуы хицау дӕр.
"Ацы фӕндаг куы сырӕза, уӕд Ленингормӕ дӕр ауылты цӕудзысты. Стӕй фӕндаг у хурварс, зымӕгон рӕстӕг дӕр дзы ницы проблемæтӕ уаид", - дзуры уый.
© Sputnik / Natalia Airiyan Арцеу
Осень в селе Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Арцеу
Арцеуы администрацимӕ хауы ноджы цалдӕр хъӕуы - Адзистау, Икъорта ӕмӕ Отъреу, ӕмткӕй дзы уыдзӕн 260 хӕдзары. Куыстбынат гӕнӕн ис ссарын ӕрмӕст скъола, хъӕуы администраци, амбулатори ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады хайады, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр сӕ тых радтой зӕххы куыстмӕ.
Уымӕ та арӕхсгӕ дӕр кӕнынц, арх сӕ донхӕры донӕй цух нӕ уадзы, хур дӕлвӕз быдыртӕ рӕвдауы йӕ тынтӕй ӕмӕ сӕ дыргъдӕттӕ тыллӕгӕй сты дзаг. Ӕмбисондӕн хӕссынц сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ - республикӕйы ӕппӕт сӕндуцджытӕ балӕууынц радты Гойаты Анатолийы къӕсӕрыл. Уый сӕндидзын кодта Советон дуджы егъау сӕнӕфсиры быдырты иу хай.
© Sputnik / Natalia AiriyanАрцеу
Осень в селе Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Арцеу
Гойаты Анатолимӕ кӕд ӕлхӕнӕг йӕхӕдӕг цӕуы, уӕд аннӕты та бахъӕуы горӕтмӕ раласын сæ тыллæг. Ӕхсӕнадон транспорт цӕуы ӕрмӕст къуыри дыууӕ хатты - дыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны. Уӕлӕмхасӕй хъӕуы адӕм хуыцаубоны баххуырсынц транспорт.
"Баххуырсӕм автобус. Ӕрӕвӕрӕм фӕйнӕ 500 сомы. Афтӕ зынаргъ нӕ уаид, фӕндаг арӕзт куы уаид, уæд", - загъта хъӕуы цӕрӕг чызг.
Арцеуы сыхтӕ раздӕрау хъӕрмуд цӕрынц, ифтонг кӕнынц столицӕ халсар, сӕнӕфсир ӕмӕ цыхтӕй. Цӕрджыты хсӕн бирӕ ис карджын адӕм, иутӕн ацы дунейы ӕввахс адӕм дӕр нал баззад, сӕхӕдӕг дӕр сӕ тыхы нал сты.
"Ацы фарстмӕ цымыдис кодтон, ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы дӕр ахӕм адӕммӕ кӕсынц социалон службӕтӕ. Къуыри сæ бæрæг кæнынц цалдæр хатты, дон æмæ сын аходæн хæссынц. Махмӕ дӕр ис 14 ахӕм адӕймаджы", - бафтыдта Хъазиты Мурæт.
© Sputnik / Natalia AiriyanАрцеу
Осень в селе Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Арцеу
Хъӕу ма тыхсы нуазыны доны цухдзинадӕй дӕр. Цхинвалы районы разамынад иу мӕ дыууӕ хатты нæ архайдта доны проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, фӕлӕ кӕронмӕ фарст нырма нӕ алыг.
"Сӕрд суадӕттӕ басур вӕййынц ӕмӕ нал æххӕсын байдайы хъӕуыл нуазыны дон. Донхӕры дон нӕм фаг ис. Ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕй та зӕгъдзӕн - ныридӕгӕн куыст цӕуы Адзистау донӕй сифтонг кӕныныл", - загъта хъӕуы администрацийы хистӕр.
© Sputnik / Natalia AiriyanАрцеу
Осень в селе Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Арцеу
Арцеу æвæрд у горӕтӕй 30 километры дӕрддзӕф. Йӕ фарсмӕ хъӕуы ис республикӕйы иууыл стырдӕр кувӕндӕттӕй иу - Икъортайы аргъуан.
Ног хабӕртты лентӕ
0