Хуссар Иры ӕвзонг хъӕбӕсӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст майданы Ставрополы

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры ӕвзонг хъӕбӕсӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст майданы Ставрополы
Хуссар Иры ӕвзонг хъӕбӕсӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст майданы Ставрополы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ райстой фараст майданы гом турнир "Спорт против наркотиков"-ы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
"Пьедесталы фыццаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Галуанты Арсӕмӕг (33 кг), Собаты Сергей (35 кг) ӕмӕ Пухаты Алан (42 кг)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕвзист призертӕ ссисты Пухаты Марат ӕмӕ Бесаты Алан, бронзӕйон майдантӕ та райстой Чилӕхсаты Ибрагим, Цхуырбаты Дмитрий, Галуанты Ӕхсӕртӕг ӕмӕ Быценты Хетӕг.
Спортсменты тренертӕ сты Гӕджиты Артур, Джиголаты Андрей ӕмӕ Гӕззаты Алан.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ерысты цыдысты горӕт Ставрополы.
Ног хабӕртты лентӕ
0