Сабитӕн мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн "Avdan"

© Sputnik / Элина ГабараеваСабитӕн мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн "Avdan"
Сабитӕн мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн Avdan - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Мадӕлон ӕвзагыл фӕцайдагъ кӕнынӕн сабитӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн "Avdan".
Уæлæмхасæн Глаголица - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2021
Цæгат Ирыстоны сарæзтой уæлæмхасæн ирон æмбисæндтæ æмæ загъдаутимæ
Платоформӕйыл уал фӕзынд ирон ӕмӕ дыгурон диалекттыл 300 дзырды бӕрц. Ирд ахорӕнтӕй конд къамты хъӕлӕс амоны сӕ дзурӕн амӕлттӕ.
Цӕгат Ирыстоны Национ телеуынынад "Осетия Ирыстон" куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ уӕлӕмхасӕн бацӕттӕ кодтой цӕгатирыстойнаг амалиуӕггӕнӕг Хоранты Алихан ӕмӕ дагестайнаг программист Магомед Кайтагский.
Сӕ хъусинаджы ма дзырдӕуы, ӕввахс рӕстӕджы йӕ кӕй рауӕрӕх кӕндзысты абхазаг ӕмӕ черкесаг ӕвзӕгтӕй.
Амӕй размӕ ма ирон ӕвзаджы размӕцыд, бахъахъхъӕнын ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн йӕ сахуыр кӕныныл фӕцайдагъ кӕнынӕн ӕвзонг программистӕ бацӕттӕ кодтой уӕлӕмхасӕнтӕ. Сӕ нымӕцы Плиты Константин ӕмӕ Гӕбӕраты Ӕхсар.
Уӕлӕмхасӕн "Avdan" сӕ телефонтӕм бахастой цалдӕр мин адӕймаджы ныры онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0