Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн Никарагуайы ӕвзӕрстыты уӕлахизы тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ Даниель Ортега
Бибылты Анатолий ӕмӕ Даниель Ортега - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн, Республикӕ Никарагуайы президентӕй йӕ ногӕй кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Хуыцаубоны Никарагуайы ацыдысты иумӕйаг ӕвзӕрстытӕ. Хъӕлӕсӕппӕрстмӕ сӕ хъус дардтой 200 фылдӕр хӕдбар цӕстдарӕджы, се 'хсӕн Хуссар Ирыстонӕй дӕр.
"Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, цӕрджыты ӕмӕ дын мӕхи номӕй арфӕ кӕнын президентон ӕвзӕрстыты фӕуӕлахизы тыххӕй. Ацы уӕлахиз равдыста, адӕм стыр аргъ кӕй кӕнынц Даниэль Оретгайы лӕггӕдтӕн йӕ бӕстӕйы раз ӕмӕ кӕй балӕууыдысты ногӕй йӕ программӕйы фарсмӕ, кӕцы здӕхт у республикӕйы алыварсон райрӕзтмӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ президенты ныхӕстӕ.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг равдыста ныфс, иумӕйаг тыхтӕй дыууӕварсон хӕларадон ахастытӕ, кӕцытӕ сӕвзӕрдысты Хуссар Ир ӕмӕ Никарагуайы хсӕн, дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты.
Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбарндзинад 2008 азы сентябры ӕмӕ ссис фыццаг бӕстӕ, кӕцы Уӕрӕсейы фӕстӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0